Абон æппæт дунейы бæрæг кæнынц Экологийы бон. Уый дæр æнæрхъуыдыйæ нæ баззад. Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы сарæзтой акци #СохранимБекан, зæгъгæ. Бехъаны цад у канд Æрыдоны районы нæ, фæлæ æнæхъæн республикæйы цæрджыты уарзондæр улæфæн бынæттæй иу. Кæддæриддæр дзы сæ фæллад уадзынмæ вæййы дзæвгар бирæ адæм. Уæлдайдæр – сæрдыгон рæстæг. Сæрмагонд акцийы фæлгæты Бехъаны цад ссыгъдæг кодтой быронæй. Нæ уацхæстыдæр хъуыддагмæ сæхи æвæрæн бахастой. Бæлвырддæр радзурынмæ цæттæ сты.
Алы кары адæм æрмбамбырд сты Бехъаны. Се ‘ппæт дæр хæст сты иу хъуыдыйыл. Нæ республикæйы рæсугъддæр бынæттæй иу хъуамæ сыгъдæг уа. Акцийы тыххæй куы фехъуыстой, уæд дзы алчидæр бацархайын йæ хæсыл банымадта.
Мадзалы фæлгæты йæ архайджытæн радтой сæрмагонд уæлæдарæс акцийы нысанимæ. Адæм ссыгъдæг кодтой цады былгæрæттæ. Кæрдæг æркарстой. Суанг ма цады цы бырæттæ уыди, уыдон дæр сæрмагонд кусæнгарзы руаджы æрæмбырд кодтой. Базылдысты бæлæстæм дæр. Чъырæй сæ сцагътой. Сыгъдæгдзинады зиуы бацархайдтой нæ республикæйы цуанæтты æхсæнады уæнгтæ дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм акцитæ нæ республикæйы æрдзæн хæссынц стыр пайда.
Зиуы бацархайдтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты экологон клуб «Виола»-йы минæвæрттæ, бархионтæ æмæ æхсæнадон куыстуæтты минæвæрттæ. Æппæт архайджытæ дæр удуæлдайæ бакуыстой, сæ куыстæй сæ зæрдæ барад. Акци арæзт уыд нæ республикæйы æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрады хъæппæрисæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй акци саразынмæ Бехъан равзæрстой уымæн æмæ хауы æрдзон цыртдзæвæнтæм. Кæддæриддæр уыди нæ республикæйы уарзондæр улæфæн бынат.
РЦИ-Аланийы æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министр Мамиаты Чермен: «Бирæ рæстæг Бехъаны цад кæй бæрны уыди, уый бæрæг нæ уыд. Уымæ гæсгæ йæ уавæр зæрдæхсаинаг сси. Йæ былгæрæттæ æмæ цад йæхæдæг дæр быронæй нал зындысты. Æхсызгон уый у æмæ ацы уавæрмæ куыд фæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдон тынг бирæ сты. Се ппæтæн дæр стыр бузныг. Хъуамæ ацы æфснайд бирæ рæстæг ахæсса. Уымæн æмæ нæ министрады кусджытæ æппын æдзух сæ цæст дарынц бынатмæ. Бехъан бахастам национ проект «Экологи»-мæ. Уый нын ратдзæн фадат бындуронæй йæм базилын. Стæй ма мæ фæнды зæгъын, нæ республикæйы цæрджыты бон у цады былгæрæтты баулæфын».
Профилон министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ахæм акцитæ фидæны дæр араздзысты.
















