«Бережлиая поликлиника», зæгъгæ ног проект бахастой «Фыццаг медицинон-санитарон æххуысы райрæзты системæ»-йы федералон программæмæ. Уый фæрцы Цæгат Ирыстоны ныридæгæн кусынц 3 азы.
Проекты сæйраг нысан у медицинон куыстуæтты цæмæй адæмы рады лæууын ма хъæуа, уый. Архайджыты ныхæстæм гæсгæ, йæ авналæнтæ рæзынц. Уæрæсейы æнæнидзинад хъахъхъæныны министрад ацы проекты фæлгæты йæ размæ æвæры бирæ хæстæ. Уый тыххæй дзырдтой абон сæрмагонд æмбырды. Архайдтой дзы республикæйы медицинон куыстуæтты разамонджытæ.
Уæрæсейы æнæниздзинадхъахъхъæныны министрады, медикон санитарон центры дохтыр Ольга Гольцева бацæттæ кодта презентаци. Уым равдыста цы хуызæн хъуамæ уа «Бережливая поликлиника» зæгъгæ, уый. Куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы проект цæрджытæн æмæ дохтыртæн дæр у ахсджиаг æмæ хъæугæ. Републикæйы медиционно къабазы кусджытæ дæр ын аргъ кæнынц.
















