Сабат æрхæццæ æмæ та фæсивæд зиумæ рацыдысты. Ацы хатт æй расидтысты парти «Иугонд Уæрæсейы» уæнгтæ. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты Фæсивæдон парламент, «Молодая гвардия” æмæ æппæтуæрæсеон адæмон фронты æрыгæтты хайады уæнгтæ. Зиу сарæзтой Олимпаг парчы. Ам хъæппæрисджын фæсивæд ракарстой амброзийы къудзитæ, рамбырд кодтой бырон, рамарзтой къахвæндæгтæ. Мадзал аразджытæ нын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй амброзиимæ тох кæнын у тынг зынг. Ацы зайæгой йæхиуыл уайтагъд фæхæцы, стæй æнцонæй ахæлиу æмæ сбирæ вæййы. Фæлæ йæ фæсивæд кæрдынц, цалынмæ дидинæг калын нæ райдыдта, уæдмæ. Йæ калын афон та вæййы августы.
Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, Дзæуджыхъæуы амбрози цы рæтты зайы, уыдоны æхсæн фыццаг бынат ахсы Олимпаг парк. Уымæй уæлдай ма ацы зайæгой сбирæ ис Весеннийы, Тельманы, Заводы, Пожарскийы æмæ горæты æндæр уынгты. Амбрози бирæ ис Дзæуджыхъæуы цæгатварс куыстадон зонæйы æмæ базарадон центр “Метро”-йы алыварс дæр. Адæммæ аллергия цы зайæгой æвзæрын кæны, уый зайыны бынæттæ сбæрæг кæныны тыххæй акци аразджытæ бакуыстой интерактивон картæйыл дæр.
















