Æфсæддонты цыртдзæвæнтæ æмæ æфсæддон ингæнтæм базилын. Бацæттæ сæ кæнын Уæлахизы 76-æ бонмæ. Ахæм хæс бæрнон кусджыты раз сæвæрдта республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Абон йæхæдæг æркаст, куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ.
Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ Ирыхъæуæй цы фæсивæд ацыд, уыдоны номыл цыртдзæвæны аивгæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Мемориал байгом кæндзысты Уæлахизы бонмæ. Цæгат Иыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло кусджытимæ йæхæдæг аныхас кодта, бафарста сæ, цы нæ фаг кæны, цæмæй сæм хъæуы фæкæсын, уымæй. Æмæ бахæс кодта дзуаппдæттæг кусджытæн фарстамæ лæмбынæгдæр æркæсын.
Уæвгæ, мемориал банывыл кæныныл архайдтой Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы сутденттæ дæр. Сергей Меняйло фæсивæдæн загъта, хорз дæсныйад кæй равзæрстой. Ахсджиаг куыст кæй кæндзысты фидæны, æмæ дарддæр дæр сæ фæндагыл æнтыстджын къахдзæфтæй куыд цæуой.
Сегрей Меняйло бабæрæг кодта Майрæмадаг дæр. Ам, Суаргом хъахъхъæнджыты музейы ис сæрмагонд экспозици. Снывонд æй кодтой 34-æм хицæн æхсæн бригады æфсæддонтæн – Баку, Лениград, Ейск æмæ Севостополы æфсæддон-денджызон училищæты курсанттæн.
Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг бабæрæг кодта музейы фæзуатыл цы мемориалон комплекс ис, уый дæр. Цалдæр цыртдзæвæны уавæрæй разыйæ нæ баззад. Уымæ гæсгæ бабар кодта Алагиры районы разамынды уæнгтæн хъуыддагыл бакусын. Сергей Меняйло ма федта æфсæддон æндæр ингæнтæ æмæ цыртдзæвæнтæ дæр. Куыд загъта, афтæмæй се ‘ппæт дар хъуамæ уой зылд. Уæлахизы боны агъоммæ та – æнæмæнг. Дзуаппдæттæг куыстуæттæн бабар кодта, фарстамæ лæмбынæг цæстдард куыд цæуа.
















