Дзæуджыхъæуы схорзæхджын кодтой фестиваль «Амыраны рухс»-ы лауреатты. Архайдтой дзы нæ республикæйы алы районты сфæлдыстадон къордтæ. Фестивалы спектакльтæ æмæ театралон скъуыддзæгтæ æвæрд уыдысты ирон æвзагыл. Аразджыты сæйрагдæр хæс уыд æвзонг артистты театралон традицитæ æмæ ирон драматургиимæ базонгæ кæнын. Æвзарæн туртæ цыдысты дыууæ къæпхæнæй – районты æмæ республикæйы. Хуыздæрты æвзæрстой 7 номинацийы. Мадзал арæзт æрцыд ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы гуырæн боны кадæн. Цæхæрцæстæй дзы архайдтой 200 сфæлдыстадон къордæй фылдæр. Гала-концерт бабæрæг кодта республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Кæронбæттæнмæ рацыдысты хуыздæртæ. Аивадон цау саразыныл бацархайдтой фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ фæсивæдон театр «Амыран»-ы минæвæрттæ.
















