Дзæуджыхъæуы контролон-нымайæн палатæ 2014-æм азæй нырмæ рабæрæг кодта финансон уагхæлдтытæ иу миллиард сомæн.
Уый тыххæй фехъусын кодта бæрнон ведомствойы сæргълæууæг Къорнаты Константин. Уæрæсейы муниципалон контролон-нымайæн оргæнты цæдисы разамынды æмбырды. Бафтыдта ма, 17 миллиард сомæй фылдæр фесæфт муниципалон исбонадæй пайда кæнынады уагхæлдтыты аххосæй. Уыцы æхцайы фæрæзтæй фæстæмæ баххæст кодтой 9 миллиарды. Уагхæлдтытыл дарддæр кусынц барадхъахъхъæнæн оргæнтæ. 2014-æм азæй нырмæ сгæрстыты хатдзæгтæм гæсгæ гом æрцыд 13 уголовон хъуыддаджы, тæрхон дзы скодтой 4 адæймагæн. Уæрæсейы контролон-нымайæн оргæнты минæвæрттæ 50 регионæй Дзæуджыхъæумæ ссыдысты фыццаг хатт . Алчидæр сæ радзырдта сæ куысты тыххæй. Уæрæсейы муниципалон контролон-нымайæн оргæнты цæдисы сæрдар Владимир Астафьевы ныхæстæм гæсгæ, сæ куыст у егъау æмæ пайдаджын.
Владимир Астафьев: «Ис нæм 30 алыхуызон контролон органы. Зæгъæм, цыдæр сгæрст ахицæн, æмæ дарддæр та цы? Дарддæр та – ницы. Сæвæрдтой гæххæттытæ æмæ хатдзæгтæ лæууынц. Ам та Дзæуджыхъæуы контролон орган домы сæрмаоднд хатдзæгтæ. Рабæрæг кодтой уагхæлд, уæд дарддæр аразынц алы хъæугæ мадзæлттæ дæр: барадхъахъхъæнæн органтæм фæхабар кодтой, гъе та администрацийы сæргълæууæгмæ фæсидтысты æмæ хабар кæронмæ ахæццæ кодтой. Кæд æхца раст харцгонд не рцыд, уæд сæ фæстæмæ радтут. Кæд исты барадхæлдтытæ сарæзтат, уæд закъонмæ гæсгæ дзуапп дæттут».
















