Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар хъæдæрмæг æмæ дурæй аразы цымыдисаг дзауматæ. Ныртæккæ æрмдæсныйы куыстытæ сæдæйæ фылдæр сты. Кумситы Анатолий æрдзæй цы курдиат рахаста, уый йæ алыварс адæмæн æппындæр не ‘вгъау кæны. Йæ архайды тыххæй радзырдта нæ уацхæсджытæн дæр.
Кумситы Анатолий дурты миниуджытӕ иттæг хорз зоны. Алкæцыдæр сæ – хæдхуыз, алыхуызон ӕууӕлтӕ æмæ хъæдимæ. Йæ фидæны куыстытæн æрмæг ссары æрдзы хъæбысы тезгъо кæнгæйæ. Доны был исты стыр дурыл йæ цæст куы ‘рхæцы, уæд исдуг бамбары, цавæр удгоймаг дзы рауайдзæн йæ æрмадзы, уый.
Æрмдæсныйы куыстыты нымæц у сæдæйæ фылдæр. Бирæты тыххæй райста æппæтуæрæсеон æркастыты призтæ. Анатолий ацы архайдыл йæхæдæг сахуыр, фæлæ йæ дæсныйад фæуæлдæр кæныныл æппынæдзух архайы. Алы дзаума сфæлдисынæн алыхуызон рæстæг бахъæуы. Фæлæ æппæт дæр арæзт цæуынц иухуызон зæрдæргъæвдæй.
Анатолий йæ куыстытæй срæсугъд кодта йæ хæдзары алфæмблай. «Кæд фæндаггæтты зæрдæтæ барухс кæнынц, уæд мæ архайд дзæгъæлы нæу», – зæгъы æрмдæсны. Фæнд кæны йæхи сæрмагонд равдыст саразын. Экспозици цæттæ у.
















