Дыууæсæдæ уæзласæн хæдтулгæйæ фылдæр Туркæй уадзæн пункт Уаллаг Ларсы ахызтысты фыццаградон фæткмæ гæсгæ. Ахæм хъæппæрис разынд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйломæ.
Арæнтæ ныртæккæ æхгæд сты боныхъæды аххосæй, фæлæ сæ байгомы фæстæ хæдтулгæтæ хиздзысты рады сæрты Мидхъуыддæгты министрады кусджыты амындæй. Республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло ма æмбырды рахаста уынаффӕ Турк æмæ Сирийы цæрæг ирæттæн ацы зын сахат баххуыс кæныны тыххӕй. Хицауады уӕнгтӕ сæ иу боны мызд арвитдзысты зæххæнкъуыстæй хъыгдард баййафджытæн. Регионы разамонæгæн ма радзырдтой Мæздæджы 1-æм скъола-интернаты уавæры тыххæй.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, майрæмбоны дзы ссыгъд хуыссæнуат 80 квадратон метры фæзуатыл. Хъыгдæрд дзы ничи баййæфта. Ныридæгæн дзы ахуыртæ цæуынц. 40 сæвæллоны æхсæвиуат кæнынц сыхаг уагдоны. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, хъыгдæрд бæстыхай сцалцæг кæнынæн бахъæудзæн 13 милуан соммæ ввахс. Сергей Меняйло бабар кодта районы бюджеты гæнæнтæ раиртасын æмæ æхцайы фæрæзтæ ссарын. Уымæй уæлдай-ма сбæрæг кæнын, зынгсирвæзты ныхмæ системæты хæрзхъæддзинад ахуырадон æмæ социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты.
Æмбырды ма фæнысан кодтой 2024-2026-æм азы курдиæтты кампани. Ныхас цæуы 72 социалон объекттыл. 52-йы тыххæйсæрмагонд гæххæттытæ арвыстой федералон центрмæ, 20 куыст цæуы.
















