Нæ кувæндæттæ — нæ историйы æнæайсгæ хай. Ацы хъуыды алы ирон адæймагæн дæр у ахсджиаг. Кæддæриддæр Ирыстоны цæрджытæ уæлдай кад кодтой табуйаг бынæттæн. Ирыхъæуы цæрджытæ дæр сæ кувæндоны ном фæлтæрæй-фæлтæрмæ кадджынæй хæссынц. Ныр дæр та базылдысты сæ Кувæндонмæ, бафснæйдтой йын йæ фæзуат дæр. Уæлдай бæстонæй ацы бынат бацæттæ кæнынц бæрæгбоны агъоммæ.
«Кувæндонмæ ӕрмӕст сыгъдæг хъуыдытимæ цæуын хъæуы, фæлæ ма Дзуарыбын æппынæдзух хъуамæ уа аив, æфснайд». Ахæм хъуыдыйыл хæст сты Иры хъæуы цæрджытæ. Расидтысты зиу.
Хистæрæй-кæстæрæй иумæ аив кæнынц кувæндоны алфамбылай. Чи сыфтæртæ æмбырд кæны, чи бырутæ ахоры. Уæлдай зæрдæргъæвдæй та архайынц кæстæртæ. Ахæм зиутæ цæрджытæ расидынц æдзухдæр. Фæлæ бæрæгбоны агъоммæ кувæндонмæ базилынц бæстонæй.
Майрæмы фæстæ фыццаг хуыцаубоны, Дзуары бынмæ алы аз дæр æрбамбырд вæййынц цæрджытæ. Фæкувынц æмæ фæкурынц уæларвон тыхтæй, фыццаджыдæр, æнæниздзинад. Ирон адæмон традицион уырнынадмӕ гӕсгӕ йын ис йæхи цымыдисаг истори.
Кувæндон бæстонæй сцалцæг кæныны тыххæй цæрджытæ бакуыстой сæрмагонд проектыл. Чысыл фæрæзтæ йын нæ хъæуы, фæлæ уæддæр зӕрдӕ дарынц, кæй сын бантысдзæн йæ сæххæст кæнын, ууыл.
Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, иумæйаг куыст ахæм рухс бынаты хæссы æрмæст монон удæнцой.
















