Цæгат Ирыстоны йæ куыст райдыдта программæ «Жилье для российской семьи», зæгъгæ. Ныридæгæн республикæйы сбæрæг, арæзтадон куыстытæ чи кæндзæн, уый. Уæвгæ ис бар арæзтадон куыстытæ кæнынæн дæр.
Цæгат Ирыстоны цæрджытæн сæ бон уыдзæн фатертæ балхæнын базарадон аргъæй асламдæр. Ацы программæйы бацархайын кæй фæнды, уыдоны хъæуы бынæттон администрацитæм цæрæнуæтты хайадмæ курдиат бадæттын. Курдиæттæ ма исынц сæ куысты бынæттæм гæсгæ сæрмагонд къамистæ. Фыццаг фатертæ райсыны фадат цæрджытæн фæуыдзæн фидæны аз. Программæ райдыдта архайын республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойы фæндонмæ гæсгæ.
















