Сабибонтæй фæстæмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын. Уыимæ ма сæ зонгæ кæнын ирон æвзаджы фысджыты сфæлдыстадимæ. Ахæм нысанимæ ныр цалдæр азы арæзт цæуы республикон æркаст «Иры фидæн». Архайынц дзы республикæйы æппæт районты равдæуæндæтты хъомылгæнинæгтæ æмæ скъоладзаутæ. Мадзал сбастой ирон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бонимæ. Бæлвырддæр радзурдзæн нæ уацхæссæг Калоты Дзерассæ.
Сæ алы дзырд æмæ къухайст дæр сабитæ сæ хъомылгæнджытимæ бирæ хæттыты фæлхат кодтой. Бæстонæй æвзæрстой уæлæдарæс æмæ аивгæнæн дзауматæ дæр. Лæппутæ — цухъхъаты, чызджытæ — разгæмтты. Зындгонд æмдзæвгæты рæнхъытæ, аргъæуттæ æмæ таурæгътæ. Сабитæ сценæйы сæхи æвдисынц курдиатджын æмæ рæсугъдæй.
Хъомылгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм конкурстæ сывæллæттæн хæссынц стыр пайда.
Республикон æркаст «Иры фидæн» вæййы æрвылаз. Конкурсы сæ цæттæдзинад равдисынц куыд рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ, афтæ скъоладзаутæ дæр. Ацы аз ма сæ курдиат раргом кæндзысты студенттæ дæр. Мадзалы сæйраг нысан — сабитæм æмæ фæсивæдмæ гуырын кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинад.
Сывæллæтты арæхстдзинадæн аргъ кæнынц къамисы уæнгтæ. Уæлахиздзаутæ хорзæхджынгонд æрцæудзысты кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Фæнысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ республикæйы эпидемиологон уавæрмæ гæсгæ 2 азы дæргъы æркаст цыд онлайн хуызы. Ацы аз, «Иры фидæн» цæмæй традицион хуызы ацæуа, уый тыххæй бацæттæ кодтой æппæт хъæугæ уавæртæ.
















