Спортивон карьерæйӕн дӕр æмæ ахуыр кæнынæн дæр рæстæг ссарын. Джатиты Давидæн йæ къухы бафтыд ахӕм æнтыстдзинад. Архайдта параолимпаг хъæзтыты. Ацы аз ма рамбылдта æппæтуæрæсеон националон преми «Студент года – 2021»-ы номинаци «Спортсмен года»-мӕ гӕсгӕ. Спортивон уæлахизтæм фæндаджы тыххæй нæ дарддæры æрмæджы.
19-аздзыд Джаттиаты Давид ныр фондз азы дæргъы йæхи фæлвары рог атлетикæйы. Фыццаг тренеровкæйы фæстæ ацы спорты хуызмæ уарзондзинад йæ зæрдæйæ бынат ссардта. Йæхиуыл куыста, йе стырдæр бæллиц уыд Паралимпаг хъæзтыты архайын, æмæ йæ къухы бафтыд.
Давид архайдта алыхуызон ерысты, куыд республикон, афтæ æппæтадæмон турнирты. Йæ къухы æнтыстдзинæдтæ ‘фтыд.
Ссис рог атлетикæйæ Уæрæсейы чемпионаты призер. Уырнгæ дæр æй нæ кæны, нæ бæстæйы кад паралимпаг хъæзтыты кæй хъахъхъæдта, уый. Йæ æнкъарæнтæ бамбæхсын йæ бон не сси.
Токиойы 100 метры дугъы лæппу бацахста цыппæрæм бынат. Куыд зæгъы, афтæмæй, ацы уæлахиз йæ къухы æнцонтæй нæ бафтыд. Ерыстæм цæттæ кæнгæйæ баййӕфта цæфтæ дӕр. Фæлæ нæ фæцудыдта. Йæ тыхтæ сæмбырд кодта. Ныр дæр йæхи цæттæ кæны дарддæры æнтыстдзинæдтæм.
Давиды къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уæлахизтӕм фæндӕгтӕн кæны стыр аргъ.
Спорт Давидӕн йæ ахуыры ницӕмӕй хъыгдары. Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы студент у. Давид сси Уæрæсейы национ преми «Студент года – 2021» регионалон къæпхæны хуыздæр. Номинаци «Спортсмен года»-йы. Ацы æнтыстдзинад дæр ын уыд æхсызгон.
Разæй ног спортивон бӕрзӕндтӕ. Давиды уырны, æвæллайгæ фыдæбоны фæрцы кӕй ис суæвæн Паралимпаг хъæзтыты уæлахиздзау.
















