Абон Дзæуджыхъæуы цы æнæнхъæлæджы цау æрцыд, уымæй. Райсомы 9 сахаты æмæ 40 минутыл горæты Дзæуджыхъæуккаг уынджы бирæфатерон хæдзæрттæй иуы æрцыд зынгсирвæзт. Артимæ тохгæнджытæ бынаты балæууыдысты 5 минутмæ. Дыккаг уæладзыджы сыгъд цæлгæнæн. Зынгсирвæзты фæзуат уыд 20 квадратон метры. Зынгхуыссынгæнджытæ арты цæхæрæй фервæзын кодтой 4 адæймаджы.
Се ‘хсæн – сывæллон дæр. Уымæй уæлдай ма æдас ранмæ ракодтой 19 адæймаджы. Хъыгдард ничи баййæфта. Зынгсирвæзты ахоссæгтæ бæрæг кæны фæлварæн лабаратори.
















