Дзæуджыхъæуы уыцы иу рæстæг цалдæр уынгыл ивынц лифттæ. Ныртæккæ зæрæттæ рафтыдтой, машинæтæй иутæ æвæрд æрцыдысты æмæ уал сæ кусын кæнынц фæлварæны хуызы. Куыстытæ куыд цæуынц, уый фенынмæ бынатмæ ацыдысты Бындурон цалцæджы фонды минæвæрттæ.
Ацы лифт уал нырма фæлварæны хуызы скусын кодтой, йæ архайды аиппытæ нæ рабæрæг. Нырыккон кабинæтæн згæйæ тас нæу. Æлхъивæнтæ стыр — рухсгæнæнтимæ. Цæстæй чи нæ уыны, уыдонæн — Браилы шрифт. Уæдæ дуæрттæ дæр никæй фецъист кæндзысты, сист æмæ ‘руагъды машинæйы æдасдзинады гæрзтæ алы змæлд дæр уынынц.
Весенняя уынджы 19-æм хæдзары 6 лифты ис. Се ‘ппæты уæлхъус, 12 уæладзыгæй алкæцыйыл дæр цæрджытæ хивæндæй къæбицтæ сарæзтой. Куыстытæ æххæстгæнджытæ нын куыд радзырдтой, афтæмæй сæ цалынмæ раафтид кæной, уæдмæ æнхъæлмæ кæсын бахъæуы. Уæвгæ та, æдасдзинады домæнтæм гæсгæ, лифты цур фæзуат хъуамæ уа уъæгъд. Уый хыгъд, цæрджытæ цы зындзинæдтимæ ‘мбæлынц, уый дæр Бындурон цалцæджы фондæн хъуыдыйаг у.
Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы сентябры онг баивынвæнд кæнынц 102 лифты. Уыдонæй 26-ы сногыл куыстытæ цæуынц ныридæгæн.
Куыстытæ цæуынц бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы сæрмагонд программæйы фæлгæты. Дзуапдæттæг куыстуаты сæйраг хæс — æдасдзинад æмæ æнцонвадат уавæртæ саразын.
Дзæдзойты Фатимæ
















