Абон скъолаты, техникумты, æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты- ахуыры азы фыццаг бон у. Беслæны цауты фæстæ фыццаг хатт кадджын линейкæтæ нæ ацыд – ацы аз зонындзинæдты бон ахастой 4-æм сенябрьмæ. Ахуыргæнæндæтты ацы бон цыдысты цæттæгæнæн куыстытæ. Сывæллæттæн радтой чингуытæ. Къласы разамонджытæй бирæты бафæндыд сывæллæтты Беслæны мемориалон комплексмæ аласын. Райсом скъолаты сараздзысты мысæн æмæ сабирдзинады уроктæ. Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы ацы урок абон ацыд.
Кадджын линейкæйы бæсты «Сабырдзинады» урочытæ. Абон сæ сарæзтой Дзæуджыхъуы бирæвæрсыг техникумы фыццаг курсы студенттæн. Фæсивæдæн радзырдтой 15 азы размæ цы фыдбылыз æрцыд, уый тыххæй. Ахуыргæнджытæ сын бацæттæ кодтой презентаци. Уырдæм бахастой хуызистытæ æмæ фыдохы бонтæй цаутæ. Техникумы разамонæг Цæголты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, ахæм урочытæ æнæмæнг хъæугæ сты. Сæ руаджы Беслæны амæттæгты ном ссарæм. Рох сæ нæ кæнæм.
Цæголты Тамерлан, Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы директор: «Мах Беслæны фæстæ æрвылаз расидæм эвакуацимæ. Саразæм сабырдзинады урочытæ, мысæн бонтæ æмæ сæрмагонд акцитæ. Ома, саразæм алыхуызон мадзæлттæ».
Фæткмæ гæсгæ зонындзинæдты бон Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы студентты мæнг зынгсирвæзты ранæй студентты æвæстиатæй рахуыдтой. Ахуырадон мадзалы сæйраг нысан- бахъуаджы рæстæг раст сарæхсын æмæ æдас ранмæ сæрæгасæй рацæуын. Ахуыргæнæндоны разамонæджы ныхæстæм гæсгæ домæнтæ баххæст кодтой.
Цæголты Тамерлан, Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы директор: «Сывæллæттæ ахуырадон мадзалы æнтыстджынæй сарæхстысты. Дыууæ минуты æмгъуыдмæ техникумы ахуырдзаутæ иу рæнхъ æрлæууыдысты. Домæнтæ баххæст кодтам. Сæйрагдæр у сывæллæтты цард æмæ æдасдзинад».
Ацы аз техникуммæ райстой 140 адæймаджы. Ацы ахуыргæнæндоны сæ цæттæ кæнынц 9 дæсныйады. Арæхдæр фæсивæд равзарынц æндадзæджы, аразæджы æмæ хæдтулгæтæ цалцæггæнæджы дæсныйæдтæ. Бирæвæрсыг техникумы фыццаг уроктæ райдайдзысты 4-æм сентябры.
Уазиты Зæлинæ
















