preloader
сейчас в эфире
22:33
ГДЕ ЖИВЕТ НАДЕЖДА (1,2- АЯ СЕРИЯ) 16+
Смотрите Далее
23:50
ЧЫРЫСТОН ФÆД 12+
ТВ ПРОГРАММА
ГДЕ ЖИВЕТ НАДЕЖДА (1,2- АЯ СЕРИЯ) 16+
close

Цыбыр рæстæджы æмгъуыдмæ Фарныхъæуы йæ дуæрттæ байгом кæндзæн ног культурæйы галуан

2.09.2019 21:10

Уыцы фадат бынæттон администрацийы къухты бафтыд Федералон программæйы фæрцы.

Фарныхъæуыккæгтæн æхсызгон лæвар. Цыбыр рæстæджы фæстæ Федералон программæйы фæрцы хъæуы байгом уыдзæн ног цалцæггонд культурон галуан. Уыцы ахсджиаг хабар не ‘сфæлдыстадон къордæн фехъусын кодта Фарныхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Галуаты Зауырбег.


Цыбыр рæстæджы æмгъуыдмæ Фарныхъæуы йæ дуæрттæ байгом кæндзæн ног культурæйы галуан. Уыцы фадат бынæттон администрацийы къухты бафтыд Федералон программæйы фæрцы. Зæронд культурæйы хæдзар рагæй цалцæггæнинаг уыд, фæлæ бирæ аххосæгты тыххæй сæ къухты не ‘фтыд бæстонæй ацы хъуыддагыл бацархайын. Хъæуы хицау нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй ныртæккæ цалцæггæнинаг куыстытæ сæ тæмæны сты.

Афтæмæй Фарныхъæуы культурæйы хæдзары ахсджиаг фарстамæ йæ хъус æрдардта нæ республикæйы хицауад дæр. Ацы азы кæронмæ бирæ хъæуты тагъд рæстæджы фæзындзæн ног бæстыхæйттæ. Уыцы хъæуты ‘хсæн Фарн дæр.

Хъæуы цæрджытæ нын куыд радзырдтой, афтæмæй раздæры культурæйы хæдзар уыд заууат уавæры. Уыдис – иу афтæ дæр, æмæ-иу цар æркалд. Сывæллæтæ зын уавæрты репетици кодтой. Хиирхæфсæн къордтæ дæр сæм никуы уыд. Фæлæ бынæттон цæрджытæ аивад æмæ культурæйыл сæ зæрдæ не ‘сивтой æмæ архайдтой, цæмæй культурæйы хæдзары æнтыстдзинæдты тыххæй сыхаг хъæутæ зоной. Ныр сæ уыцы хъуыддæгты тыххæй тыхсын нал хъæудзæн. Цалцæггонд галуаны цæрджытæн фæуыдзæн æмбæлгæ уавæртæ сæ курдиат бæстондæр райхалын æмæ йæ дарддæр адæмæн лæвар кæнын .

Цæрджыты цинæн кæрон нал уыд, хъæуы ма спортивон фæз фæзындзæн, зæгъгæ, куы фехъуыстой, уæд, – зæгъы Галуаты Заурбег. Фæзæн цы бæстыхай равзæрстой, уыцы бынаты дæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ.

Бафиппайын ма хъæуы уый дæр, æмæ раздæр ацы бæстыхай уыдис хуымæтæг культурæйы хæдзар, ныридæгæн та хæсдзæн культурæйы галуаны ном.

Къутæрты Аидæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Амина Боранти I Истории из жизни
26.08.2026
Валерия Гагарцева I Дело мастера
26.08.2026
День актера I Доброе утро, Осетия!
26.08.2026
Белла Бериева I Профессиональный путь
25.08.2026
Йæ рæстæгыл I 25.08.2026
25.08.2026
25.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
25.08.2026
Артур Таймазов I По большому счету
24.08.2026
24.08.2026 I Самое время
24.08.2026
Дебаты. Выборы депутатов Государственной Думы 2026
24.08.2026
24.08.2026 I Доброе утро, Осетия!
24.08.2026
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин… I Гæздæнты Булат
23.08.2026
В итоге: 23.08.2026
23.08.2026
Агурӕг I 22.08.2026
22.08.2026
Аккорды мыслей I Земфира Цахилова
22.08.2026
Зæххыты уавæр, Къостайы хæдзар-музейы цалцæг æмæ спортсмен-экстремал I Йæ рæстæгыл
21.08.2026
Все рекомендуемое