Хицауады сæрдар Дзанайты Барис куыстадон балцы уыд Горæтгæрон æмæ Æрыдоны районты. Æркаст, æрæджы республикæйы цы тæрккъæвдатæ æрцыдысты, уыдоны фæстиуджытæ иуварс кæныны мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Тыхджын дымгæ атыдта электрон тыхы телтæ, бахъыгдæрдта газуадзæн хæтæлтæ, хæдзæрттæ æмæ социалон объекттæ. Хъæдгæроны цæрджытæн радтой 930 шиферы иуæджы, хъæуы ма ноджы мины бæрц.
Премьер бабар кодта ууыл бакусын. Уый тыххæй раздæр дзырдта Сергей Меняйло дæр. Бахæс кодта, æрдзон фыдбылыз цы зиан æрхаста, уый банымайын æмæ йын йæ фæстиуджытæ цыбыр рæстæгмæ аиуварс кæнын. Бæстыхайы сæр ивынц Æрыдоны Алагирская уынджы бирæуæладзыгон хæдзары. Уымæн нырма бахъæудзæн цалдæр боны. Милуан æмæ 800 сомæн та тыхдымгæ зиан æхаста аграрон-технологон колледжы æрмадзæн. Хъæуы йæ бацалцæг кæнын. Премьер-министр дзуапдæттæг кусджытæн радта амынддзинæдтæ хæрдзтæ бæлвырдæй банымайын. Горæтгæрон районы дымгæ систыа рхонкæйы æхсæзæм рæвдауæндон. Хъыгдæрд баййæфтой бирæфатерон хæдзар Октябрскæйы æмæ иуæй-иу рæтты газ æмæ дондзæуæн хæтæлты куыст.
















