2023-æм азы цæрынæн æппынкъаддæры бæрц республикæйы уыдзæн 12 938 сомы. Кусынхъом чи у, уыдонæн — 14 102 сомы, пенсиисджытæн — 11 мин сомæй фылдæр. Сывæллæттæн та 13 минмæ ввахс. Уый тыххæй фехъусын кодтой хицауады æмбырды. Уымæй уæлдай ма снысан кодтой сæ цæрæнбынат фæхуыздæр кæнын кæмæн хъæуы, уыдоны хыгъд. Бахастой йæм 28 адæймаджы.
Уæлдай æргом æмбырды аздæхтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады фарстатæм. Дзуапдæттæг министр куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы хицауад къабазæн уæлæмхасæн хуызы рахай кодта 340 милуан сомы. Æхцайы фæрæзтæ адих кодтой 14 дзæбæхгæнæндоны ‘хсæн, уымæй уæлдай ма дзы онкологон низджынтæн самал кодтой хостæ. Бакуыстой ма регионалон программæйы райрæзтыл. Æххæст æй кæндзысты 2023-2025 азты. Тебиаты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, ногдзинады руаджы фидæны азæй рагагъоммæ иртасдзысты гуырдзæй рахæсгæ низтæ.
Иу ахсджиаг фарста ма — ахуырад. Фидæны аз Дзæуджыхъæуы 42-æм скъолайы бындурыл фæзындзæн ноджы иу технопарк «Кванториум». Ацы аз республикæйы байгом кодтой «Точка роста»-йы 22 центры. Уыдоны руаджы районты скъоладзаутæ ахуыр кæнынц нырыккон технологон кусæнгæрзтыл. Ныхас ма цыд, хæдзар амалгæнгæйæ сайды чи фӕци, уыдонæн æххуысыл. Бæстондæр дзургæйæ, иумæйаг реестры бирæфатерон хæдзæрттæй къуылымпытимæ объекттыл. Республикæйæн федералон æмвæзадыл бантыст ацы фарста аиуварс кæнын. «Сæйрагдæр у ахæм уавæр сæвзæрын мауал бауадзын æмæ æппæт фарстатæ аиуварс кæнын», – загъта Дзанайты Барис.
















