Республикæйы территорийы ис 1200 бынативгæ базарадон объекты. Министрты кабинет снысан кодта паддзахадон бæрны зæххы хæйттыл, бæстыхæйттыл, арæзтæдты сæ сæвæрыны фæтк. Домæнтæ хъæуынц архайæг закъонад æххæст кæнынæн. Уымæй уæлдай ма ныхас цыд бынативгæ объекттæ равæрыны тыххæй фиддонты бæрцыл.
Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, чысыл дуканитæй Дзæуджыхъæуы историон хайы кæцытæ сты, уыдонæн хъуамæ уа иу архитектурон хуыз. Хицауады уæнгтæ ма равзæрстой зæххытæ дæттыны фарстаты фæдыл ведомствоты ‘хсæн къамисы ног архайджыты.
Республикæйы æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады комплексы модернизацийы программæ. Уый фæрцы хъармгæнæн сезон ацыд фæткмæ гæсгæ. Уый тыххæй фехъусын кодта премьер-министр. Ныртæккæ цæттæ кæнын райдыдтой ног афонмæ. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы нысангонд æрцыд алыхуызон мадзæлттæ.
Ныхас ма цыд Цæгат Ирыстоны цæрджыты æнцонвадат цæрæнуæттæй ифтонг кæныны программæйыл. Ацы аз 40 æрыгон специалисты райсдзысты субсидитæ. Схардз кæнæн сæ ис ипотекæйæн фыццаг фиддон баххæст кæнынæн кæнæ та проценттæ фæкъаддæр кæнынæн.
















