Цæгат Ирыстоны арæзтады министрады минæвæрттæ фембæлдысты республикон æхсæнадон организаци «Сбереги башню»-йы активисттимæ. Ахæм хæс сæвæрдта вице-премьер Атарты Георгий.
Ныхас цыд территори «Долина Симд»-ы комплексон райрæзты программæ æххæст кæныны фæдыл цæрджыты курдиæттыл. Фарстатæ баст уыдысты экологон æдасдзинадимæ, æхцайы фæрæзтæй ифтонгадимæ, уымæй уæлдай ма бынат ахуырадон кусæндæттæй, медицинон центртæй, фæлладуадзæн зонæтæй баххæст кæныныл, транспортон æмæ коммуналон инфраструктурæйыл. Хъæппæрисджын къорд уæлдай æргом аздæхта закъоны бындурыл проекты алы къæпхæны æххæсткæнынадмæ.
Бетанты Марат фехъусын кодта, Атарты Георгийы хæслæвæрдмæ гæсгæ æхсæнадæн сæ бон у сæ хъуыдытæ зæгъын. Арæзтады министрады сайты скуыста проект «Долина Симд»ы сæрмагонд хай, кæцыйы гæнæн ис проектмæ бæстон æркæсын æмæ фиппайнæгтæ бахæссын. Уымæй уæлдай ма дзуапдæттæг министрады нысан кæнынц æхсæнадон совет, кæцы комкоммæ архайдзæн проекты райрæзты, равæрдтой ма дзы æхсæнадон байхъуыстыты график.
















