Æндæр темæтæм. Ныр бæлццæттæ ласыны хъуыддагæн дзуапдæттæг уыдзæн Транспорты Комитет. Ахæм уынаффæ рахастой хицауады æмбырды. Премьер Дзанайты Барис фæнысан кодта, цæрджытæн лæггæдты хæрзхъæддзинад фæбæрзонддæр кæнын у сæйраг нысан.
Æрдзырдтой ма сæрмагонд æфсæддон операцийы æрхайджыты фарсмæ балæууыныл дæр. Æххуысы фæрæзтæ паддзахад снысан кодта 30 здæхтмæ гæсгæ. Дзанайты Барисы ныхасмæ гæсгæ, æппæт фæрæзтæй дæр Цæгат Ирыстоны хъæуы бæстонæй пайда кæнын.
Æмбырды ма æрцыд кадрты ивддзинæдтæ. Санаты Аидæйы ногæй снысан кодтой физкультурæ æмæ спорты министры хæдивæгæй. Уый хыгъд, фæллойы æмæ социалон райрæзты министры хæдивæг Торчынты Эльвирæйы дæр. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг сси Хæныкъаты Лилия, культурæйы министры хæдивæг та – Ногъайты Алан. Ацы аз министрты кабинет дарддæр бæстонæй кусдзæн регионы социалон-экономикон райрæзтыл.
















