Туризмы райрæзты фонд сараздзысты Цæгат Ирыстоны. Уый тыххæй хицауады æмбырды фехъусын кодта республикæйы туризмы комитеты сæрдар Кодзаты Зауырбег.
Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фонд архайдзæн паддзахадон программæтæ цыбыр рæстæгмæ æххæст кæныныл. Уымæй уæлдай бакусдзысты фæндæгтыл хъæугæ амонæнтæ æмæ санитарон зонæтæ саразыныл. Премьер Дзанайты Барисы ныхæстæм гæсгæ, туризмы райрæзт у республикæйы ахсджиагдæр нысæнттæй иу. Ирыстоны уазджытæн хъæуы æнцонвадат уавæртæ аразын. Дзырдтой ма Мамысоны объекттæм фæндаг саразыны фарстайыл
Ныхас цыд цæрæнуæтты сертификаттыл дæр. Республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин куыд радзырдта, афтæмæй сæ 2021-æм азы райсдзысты, æнæбары йæ цæрæнбынат чи ныууагъта, ахæм 26 бинонтæ, стæй Чернобылы æвирхъау цауы фæстиуджытæ иуварсгæнджытæ. Æрдзырдтой хъæууон хæдзарады къабазы фарстатыл дæр. Æхсыры куыст цы фермертæ кæнынц, уыдонæн рахай кодтой сæрмагонд субсиди. Ныр холлагæн цы æхцайы фæрæзтæ хардз кæной, уыдоны иу хай цæудзæн фæстæмæ здæхт. Сæйраг нысан у, цæмæй регионы æхсыры мыггаджы стуртæ ма къаддæр кæной. Уый фæдыл рахай кодтой 21 милуан сомы бæрц.
















