Цæгат Ирыстоны ковид-стационарты ис 657 адæймаджы. Суткæмæ рынчындонмæ бахауд 43 пациенты, сдзæбæх сты 39-æй.
Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, ног рынчынты нымæц фæкъаддæр. Уый хыгъд цæрджытæм сидынц, прививкæ чи нæма скодта, уыдонæн æй æнæмæнг скæнын кæй хъæуы, уый. Æдæппæтæй иммунизаци ацыдысты 214 мин адæймаджы. Уый у цæрджыты 40%. Уæлдай æргом здахын хъæуы 60 азæй хистæр кары адæммæ. Статистикæмæ гæсгæ, æппæты арæхдæр реанимацимæ бахауынц ацæргæ адæм.
















