Фыдыбæстææйы Стыр хæст стыр фæд ныууагъта Туаты Светланæйы царды дæр. Фашистон Германи Советон Цæдисмæ куы рбабырста, уыцы аз райгуырд. Райгуырæн бæстæйы сæраппонд тох кæнынмæ ацыд йæ фыд.
Хуызистыл — Туаты Светланæйы фыд Ладемыр йæ мад Дзапаронимæ. Нырхæндæг вæййы, йæ къухтæм ацы къам куы райсы, уæд. Йæ зæрдыл æрбалæууынц, йæ бинонтæ хæсты аххосæй цас хъизæмæрттæ æмæ зындзинæдтæ бавзæрстой, уый.
Афтæ бацайдагъ сты Туаты Ладемыры хæстон азтæ. Хæдзары мад, бинойнаг æмæ æртæ чызджы ныууадзгæйæ тох кодта Фыдыбæстæйы сæраппонд. Йæ хæстон фæндæгты хыгъды – Ростов, уый фæстæ Краснодары край. Уым карз тохы ссардта йæ адзал.
Светланæ йæ сæры хицау Багаты Мишæ æмæ сæ кæстæртимæ атагъд кодтой Анастасиевская станицӕмӕ. Уый уыд 1998-æм аз.
Багаты хæдзарæй Викторимæ иумæ хæстмæ ацыдысты йе ‘ртæ фсымæры Самсон, Падо æмæ Адам. Сæрæгасæй ма сæ æрыздæхтысты æрмæст дыууæйæ. Цæмæй зыдтой Багаты Виктор æмæ Туаты Валодя, хъæбатырæй куы фæмардысты, ууыл 20 азы куы рацæуа, уæд сæ кæстæртæ Мишæ æмæ Светæ сæ цард баиу кæндзысты. Цæугæдонау, размæ бырсы рæстæг. Афæдз афæдзы ивы. Светланæ у нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг, дæсны фæндырдзæгъдæг, композитор, педагог. Æмæ кæд хæсты фӕудӕй 77 азы рацыд, уæддæр йæ сабибонты зын азтæ нæ рох кæны Светланæ.
Дзапарон. Афтæ хуыйны ацы мелоди. Туаты Светланæ дзы ссардта йæ фыдымады ном. Уый йæ фæстаг сулæфты онг æнхъæлмæ каст йæ фыртмæ хæстæй.
Туаты Светланæ аивад бауарзта хæрзчысылæй. Каст фæци Дзæуджыхъæуы музыкалон училищæ. Куыста Дигорайы. Уый фæстæ та сабитæн фæндыры зæлтæ уарзын кодта культурæйы галуан «Электрон»-ы. Æппынæдзух сæ хуыдта адæмы рæгъмæ. Ирон музыкалон культурæйы хъæздыгдзинад æвдыстой Уæрæсе æмæ фæсарæнты аивадуарзджытæн. Цас хæрзиуджытæ, Кады гæххæттытæ йæм ис. Абон йæ ахуыргæнинæгтæ сты зындгонд музыканттæ. Светланæ ныр дæр зæрдиагæй кæны æхсæнадон куыст. Архайы Стыр Ныхасы сылгоймæгты комитеты. Ам дæр йе ‘ргом здæхт у æрыгон фæлтæры хъомыладмæ. Цæмæй кæддæриддæр сæ зæрдыл дарой, нæ фыдæлтæ нын цард æмæ сæрибардзинад цы аргъæй балæвар кодтой, уый.
















