Дзанайты Барис арфæ ракодта газет «Северная Осетия»-йы кусджытæн. Мадзал сбастой мыхуыры юбилеимæ. Ацы аз ыл сæххæст 105 азы. Кады гæххæттытæ æмæ бузныджы фыстæджытæй схорзæх кодтой уацхæсджыты, сæйраг редакторты, корректортӕ æмæ дзыллон информацион фæрæзы разамынд.
Сæрмагонд уацхæссæг Суанты Сергейӕн балæвар кодтой Ирыстоны намысы майдан. Хæрзиуджытæ райстой куыд фæлтæрдджын журналисттæ, афтæ æрыгон специалисттæ дæр. Коллективæн арфæ ракодта парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз дæр. Æнусы дæргъы газет йæ ном иу æмæ дыууæ хатты нæ аивта. Æнæивгæ сты æрмæст æгъдæуттæ, газет кæсджыты æнувыддзинад æмæ уарзондзинад.
















