Дзанайты Барисы разамындæй æмбырд уыд республикон ведомствотæ æмæ министрадты разамонджытæн. Фембæлды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой Цæгат Ирыстоны дарддæры социалон-экономикон райрæзты фарстатæм санкциты уавæрты.
Фыццаджыдæр, ныхас цыд куыстдæтджытæм фæкæсыныл. Дзуапдæттæг комитеты сæрдар Платы Альбинæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй дыууæ паддзахадон программæйы фæлгæты ацы хъуыддагæн республикæйæн рахай кæндзысты 320 млн сомы. Национ проект «Демографи»-йы æххуысæй ныр 4-æм аз цæрджытæ исынц профессионалон æмæ уæлæмхасæн ахуырад. Нырмӕ уал ног гæнæнтæй спайда кодта 2700 адæймаджы.
14-æм апрелы Цæгат Ирыстоны ацыд æппæтуæрæсеон куыстдæттæн армукъа. Уым уыд 500 куысты бынаты ‘хсæн равзарыны фадат. Хицауады сæрдар фæнысан кодта паддзахадон программæты хорзырдæмы ахадындзинад.
















