Нæ фыдæлты æгъдæуттæ хъахъхъæнын æмæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ хæццæ кæнын. Дзестелты мыггаджы минæвæрттæ æрæмбырд сты ахсджиаг фарстатыл æрныхас кæнынмæ. Архайджыты размæ рахастой сæ мыггаджы бæлас. Радзырдтой сæ фыдæлтæ сын цы ныстуан æмæ фæдзæхстытæ ныууагътой, уый тыххæй.
Фæнысан кодтой фидæнмæ нысæнттæ. Мадзалы сæйраг хæс — мыггаг ноджы æрбангомдæр кæнын. Бацархайдтой дзы «Стыр Ныхас»-ы минæвæрттæ дæр. Æрæджы Дзестелты мыггаг бафыста намысы кодекс «Фæдзæхст». Йæ аразджытæ – Иры Стыр Ныхас. Йæ фæлгæты мыггæгты хистæртæ сæ кæстæр фæлтæры царды уагæн дзуапп дæтдзысты иннæ мыггæгты ‘хсæн.