Ацы спортивон зал фидæны чемпионтæ иу æмæ дыууæ нæ федта. Джиоты Павелы хъомылгæнинæгты хсæн ис Уæрæсе, Европæ æмæ суанг Дунеон ерысты, Олимпиаг хъæзтыты призертæ. Дзюдойы фыццаг приемтæ Таймазты Мæдинæ æмæ Хъайсынты Мæдинæйæн дæр йæхæдæг бацамыдта. Тренер йæ спортсментæн фыццаджыдæр бамбарын кæны — стыр бæллицтæ сæххæст кæнынæн æнæмæнг хъуамæ куыстуарзон уай.
Павел ныр 49 азы дæргъы у тренер. Уыдонæй 11 — Сунжæйы. Йæ цард цы архайдæн снывонд кодта, уым йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Джиоты Павел — спорты дæсны, Туркменийы сгуыхт тренер. Йæ хъомылгæнинæгтæ стыр æнтыстытæ кæй æвдисынц, уый тыххæй, Уæрæсейы Президенты уынаффæмæ гæсгæ, хорзæхджынгонд у “Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты” дыккаг къæпхæны майданæй.
Сунжæйы фæсивæд зæрдиагæй фæтагъд кæнынц тренировкæтæм. Ныртæккæ Павел архайы 7-æй 15-азы онг æмæ 15-æй 20 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппутæ æмæ чызджытимæ. Алы къорды — 20 адæймаджы. Æнусы ‘рдæй æвзонг спортсменты ‘хсæн чи арвыста, уый сын сæ алы æнкъарæн дæр æнæдзургæйæ бамбары. Йæ рæстæг сæ иуæн дæн нæ бавгъау кæндзæн. Бахъуаджы рæстæг, дыккаг æмæ æртыккаг хатт дæр бацамондзæн.
Стыр æргом — хъомыладон куыстмæ. “Æрыгон спортсментæн мæ зæрдæ зæгъы фыццаджыдæр æнæниздзинад, уæд бæрзæндтæм тырнын æнцон у”, — дзуры тренер.
Ныридæгæн Джиоты Павелы хъомылгæнинæгты ‘хсæн ис Уæрæсейы иугонд командæйы уæнгтæ. Ныртæккæ сæхи цæттæ кæнынц æппæтуæрæсеон ерыстæм. Ацæудзысты ноябры Краснодары. Фæсивæд бон дыууæ хатты дæр æрбацæуынц залмæ, тырнынц се стыр бæллицтæм. Тренировкæтæ та Тренеры боны дæр — фæткмæ гæсгæ!
















