33 азы рацыд, Горæтгæрон район æмæ Дзæуджыхъæуы цы æбуалгъ æмæ зæрдæриссæн хабæрттæ æрцыд, уæдæй нырмæ. 1992-æм азы Ирыстоны цæрджыты бахъуыд гæрзифтонгæй сæ чысыл фыдыбæстæ бахъахъхъæнын. Боны дæргъы адæм цæуынц Ирыстоны хъахъхъæнджыты ингæнтæм, дидинджытæ сыл æвæрынц. Дзæуджыхъæуы Намысы мемориалы æдзард хъæбатыртæ кæм ныгæд сты, уыцы аллей бабæрæг кодта сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр. Номарæн мадзæлтты архайдтой æххæстгæнæг æмæ закъонæвæрæг оргæнты разамонджытæ, барадхъахъхъæнджытæ, тыхы æмæ цæст дарыны структурæты минæвæрттæ, æхсæнадон организациты уæнгтæ æмæ дины кусджытæ. Дидинджытæ сæвæрдтой Камбилеевкæйы дæр, Цæгат Ирыстоны хъахъхъæнджыты Намысы мемориалыл. Мадзалы архайдта хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Номарæн мадзæлттæ ма уыд Южныйы мемориалы æмæ Дзæуджыхъæуы цыртдзæвæн «Камень скорби»-йы цур. Уыцы цаутæн рохгæнæн нæй. Зæрдыл лæууын кæнынц сабырдзинады сæраппонд нæ лæппутæ цы стыргъ аргъ бафыстой, уый.
















