Джызæлæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны номыл сарæзтой номарæн турнир футболæй. Мадзалы архайдтой æфсæддонты хиуæттæ, бынæтон администрацийы минæвæрттæ æмæ республикæйы хицауады уæнгтæ.
Уæлахиздзау суæвыныл архайдтой 4 командæйы республикæйы районтæй. Хуыздæрты схорзæхджын кодтой Кады гæххæттытæ, майдантæ æмæ кубоктæй. Мадзаларазджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ерысты сæйраг нысан – фæсивæды спорты архайынмæ сразæнгард кæнын æмæ патритон хъомыладыл бакусын. Турнир фæнд кæнынц æрвылазон скæнын.
















