«Ирон чъириты бæрæгбон» сарæзтой Горæтгæрон районы. Æфсины хуыздæр миниуджытæ равдисыныл архайдтой 8 сылгоймаджы республикæйы районтæ æмæ Дзæуджыхъæуæй. Ерысты фæзуатыл æрбынат кодта цымыдисаг равдыст дæр. Уазджытæ сæхи аирхæфстой рагон ирон хъæзтыты архайгæйæ. Ам сын бацамыдтой нæртон нозт фыцыны сусæгдзинæдтæ дæр.
Ссад балуарын, хыссæ скæнын æмæ инджын цыхт бассæндын æртæдзыхæттæ кæнынæввонгæн. Æнæмæнг сæ хъæуы скæнын сыгъдæг, табуйаг хъуыдытимæ. Хорз æфсин тæнæгцъар æмæ дзаджджын чъиритæ кæй кæны, уый Ирыстоны алчидæр зоны. Хуыздæр кæрдзынгæнæджы æвзарынц эксперттæ.
Конкурсы архайджытæ хъумæ скæной уæлибæхтæ, картофджынтæ æмæ фыдджынтæ. Экспертты къорды – Цæгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы архуыргæнджытæ. Чъиритæ хъуамæ уой рæсугъд, хæрзвых, дзаджджын æмæ хæрзад. Районты ‘хсæн фыццаг гом фестиваль- конкурс расидтысты Горæтгæрон районы администрацийы культурæйы управленийы.
Конкурсы архайдтой республикæйы авд районы æмæ Дзæуджыхъæуы минæвæрттæ. Æмæ кæд чъиритæ кæнын алы ирон æфсин дæр зоны, уæддæр, цæмæй хæрзаддæр рауайой, уый тыххæй алкæмæдæр ис йæхи сусæгдзинæдтæ. Фестваль рауад хъæлдзæг æмæ хъæрмуд æнкъарæнтæй æххæст, цымыдисаг уыд сабитæн дæр.
Æфсинтæ кæрдзын кæнынц сугæй ӕндзаргӕ пецты, нæ фыдæлтæ куыд кодтой, афтæ. Афтæмæй, чъири рауайы диссаджы хæрздæф æмæ хæрзад. Мадзал сбастой Ирон «Нартиадæйы» азимæ. Фестивалы фæзуатыл фыхтой нæртон нозт. Уæларвæй Куырдалæгоны æрмгуыст та равдыста куырд Цориты Марклен.
Сабитæн бацæтттæ кодтой хицæн къуым. Ам сын уыд ирон адæмы рагон цардыуаг æмæ культурæ базоныны фадат. Сæхи аирхæфстой рагон ирон хъæзтытæй дæр.
Чысыл дарддæр – ирон хæринæгты равдыст. Уымæй уæлдай, национ дарæс, музыкалон инструменттæ æмæ хæдзарон дзауматæ. Ирон музыкæ æмæ зарджытæ та зæлыдысты æнæрлæугæйæ.
Конкурсы фæуæлахиз Горæтгæрон районы минæвар Жажиты Маринæ. Дыккаг бынат бацахста Дзæуджыхъæуккаг Боцойты Зæлинæ, Æртыккаг – Къесаты Алинæ Æрæфы районæй.
















