Адæймагæн йæ куыст æхсызгондзинад куы хæсса, уæд уый стыр амонд у. Уæд хъаруйыл хъару ‘фты, цард та дзаг вæййы алыхуызон ирд ахорæнтæй. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар Едзиты Таймураз архайы электроэнергетикæйы. Кæмæдæр къабаз хуымæтæг фæкæсдзæн, фæлæ йæ Таймураз ахсджиагыл нымайы. Æрвылбон хуыздæр кæны йе ‘мбæстæгты царды хæрзхъæддзинад. Электрон хызты кусæнгæрзтимæ фыццаг хатт сæмбæлд æвзонг лæппуйæ æмæ уæдæй æнтыстджын къахдзæфтæ кæны йæ равзæрст дæсныйады.
Адæмæн баххуыс кæнын ахсджиагыл нымайы Едзиты Таймураз. Сабийæ фæстæмæ йæ фæндыд æфсæддон суæвын, фæлæ бахауд æндæр къабазмæ. Йæ фæллойадон фæндаг райдыдта Мызуры цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады. Уый фæстæ куыста Мидхъуыддæгты министрады дæлхайады гражданинты регистрацигæнæн организайы. Дарддæр та Администрацийы, уым фыццаг хатт сæмбæлд электрон хызæгты кусæнгæрзтимæ. Кæд ын ацы хъуыддаг ног уыд, уæддæр æй уайтагъд сцымыдис кодта. Уыимæ ма йæ уыцы рæстæг йæ хорз хæлар фæхуыдта йæ фирмæмæ кусынмæ æмæ нæлгоймаг сразы.
Райдыдта Алагиры электрон хызты хайады мастерæй, афæдзы æрдæджы фæстæ сси хистæр мастер. 2024-æм азы кæрон та йæ сæвæрдтой уарæн хызты службæйы хицауæй. Афтæмæй йæ алыхуызон цаутæ хæстæгдæр кодтой ныртæккæ стыр аргъ цы хъуыддагæн кæны, уымæ.
Цардмæ ахæм цæстæй кæй кæсы, уый бæрæг дары йæ куыстыл дæр. Зæгъæм, æрæджы Таймураз йе ‘мкусджытимæ архайдта Ногхъæуы. Тынг зын уавæртæ дзы уыд. Уæлдайдæр зымæгон. Фæлæ къорды зæрдæхæлар ахастдзинæдтæ куы уа, уæд куыст дæр рогдæр вæййы.
Ныртæккæ Таймураз дзуапп дæтты районы электрон хызтæн, бацæттæ кæны цалцæггæнæн программæ æмæ ма æндæр хæстæ дæр. Сæйрагдæр у лæггæдты æмвæзад бæрзонддæр кæнын, зæгъы нæлгоймаг. Ацы къабазы бирæ лыстæгдзинæдтæ ис. Сæ архайд баст у электрон тыхимæ, уымæ гæсгæ хъæуы æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын æмæ фæлтæрддзинад фылдæр кæнын. Уымæ та “Аланияэнергосеть”-ы бæстонæй кæсынц. Æппынæдзух специалистты арвитынц дæсныйад уæлдæргæнæн ахуыртæм.
















