«Эко-Альянс» регионалон операторы бартæй суæгъд кæныны бардзырдыл сразы ис Арбитражон тæрхондон. 2019 азы Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад «Эко-Альянс»-имæ бадзырд фехæлдта финансон æмæ организацион фарстаты тыххæй.
1 -æм январæй фæстæмæ регионалон операторæй рæстæгмæ æвзæрст æрцыд «Спецэкосервис», уый ныртæккæ æххæст кæны æппæт хæслæвæрдтæ. «Эко-Альянс» не сразы министрады уынаффæимæ æмæ арбитражон тæрхондонмæ йæ хъаст бахаста. Организаци уырдæм барвыста дыууæ курдиаты – бардзырды архайд æрлæууын кæнын æмæ амынд уагдон ног регионалон оператор цæмæй ма равзара, цалынмæ тæрхондон уынæффæ хæссы, уæдмæ.
Тæрхондон хъуыддагмæ æркаст æмæ уынаффæ рахаста «Эко-Альянс»-ы регионалон операторы статус сисын. «Спецэкосервис» дарддæр йæ куыст æххæст кæндзæн рæстæгмæ.
















