Хуссар æфсæддон зылды артиллеристтæ сарæзтой марш Цæгат Ирыстонмæ. 58-æм æфсады дæлхайæдтæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой ахуыртæм.
Тарскæйы полигоны 1000 æфсæддонæй фылдæр быдырон уавæрты æвдисынц сæ арæхстдзинад. Ахуырты архайынц техникæйы 100 иуæджы. Æрдзон уавæрты спайда кодтой 152 милимметрон хæддзу гаубицтæй, уыимæ сарæзтой æхстытæ æмбæхст ранæй. Полигоны артиллеристтæ бакуыстой сæрмагонд хæслæвæрдтыл. Батарейæтæ ныхкъуырд радтой мæнг знаджы ныббырстæн.
Æдæппæтæй артиллерион æркасты Цæгат Кавказы архайы 4 мин æфсæддонæй фылдæр. Мæнг ныхмæллæууæгæн ныхкъуырд дæтты ракетон-артиллерион техникæйы 300 иуæджы. Æфсæддонты лагерон æмбырд аххæсдзæн 27-æм мартъийы онг.
Хуссар æфсæддон зылды, 58-æм æфсады хæддзу гаубицты батарейы командыгæнæг Евгений Куташов: «Бæрæггонд мысантæ æхстам комкоммæ хъавгæйæ. Зынгæхсджытæ акъуырдтой æппæт мысантæ дæр. Сæ хæслæвæрдтæ сæххæст кодтой. Батарейы архайдæн æвæрын хорз æмæ иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Æфсæддонтæ лæвæрд уыд æртæ сармадзыны нæмыджы. Фыццаг æхстæй чи акъуырдта уыдон кæй зæгъын æй хъæуы райстой иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Стыр къуылымпидзинæдтæ батарейы размæ нæ сæвзæрд. Ахуырты размæ сбæрæг кодтам ориентиртæ æмæ уыдон хынцгæйæ архайдтам».
















