Дзанайты Барисы разамындæй ацыд санкциты уавæрты экономикæйы райрæзты фæдыл Оперативон штабы æмбырд. Ахсджиаг фарстатæй иу Цæгат Ирыстоны цæрджытæн паддзахадон социалон æххуыс бакæнын. Дзуапдæттæг министр Айдарты Алинæйы ныхæстæм гæсгæ, сывæллонджын бинонтæн алыхуызон социалон фиддонтæ æрвылмæй республикæ баххæст кæны 438 милуан сомæн.
Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ, ноггуырд цы бинонты фæзыны, уыдонæн ракæнынц лæвæрттæ. Афæдзы райдианæй сæ райстой мин бинонтæй фылдæр. Сæрмагонд бадзырдтæ фыст æрцыд Беслæны теракты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæй 48 адæймагæн санаторон-курортон путевкæтæ райсыны тыххæй, материалон æххуысы фæдыл.
Æмбырды архайджытæ ма дзырдтой социалон контрактты тыххæй. Сæ райрæзтæн афæдзы райдианæй 40 милуан сомы æххуыс радих кодтой 223 адæймагæн. Фæрæзтæ схардз кодтой амалхъомады æмæ хи хæдзарадты архайдæн.
















