Сабитæн хъазæн фæзтæ нæ фаг кæны, хæдзары раз иу рæсугъд бынат нæй, уæдæ цæрджыты арæзтадон куыстытæ дæр тыхсын кæнынц. Инæлар Дзусаты Ибрагимы номыл уынджы цæрджытæ сæ хъæстытæ ракодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславæн. Дыууæ азы размæ ма сæхи хъæппæрисæй хæдзæртты алыварс бынæттæ саив кæныны пълан дæр балæвæрдтой горæты администрацимæ. Фæлæ абоны онг сæ фарстатæ лыггонд нæма ‘рцыдысты.
Ацы ран иу æппынæдзух хъазыдысты сабитæ, хæстæгдæр хæдзæртты цæрджытæ та дзы æрвыстой сæ уæгъд рæстæг. Февралы райдианы фæзуаты арæзтадон куыстытæ кæнын райдыдтой. Фыццаг уал бæлæстæ акалдтой. Адæм сæм гæххæттытæ æмæ объекты паспорт равдисыны фæдыл куы фæсидтысты, уæд сæ хъуыды гæнæг дæр нæ разынд. Уæд цæрджытæ фæфæдис сты, хабар апарахат интернеты пайдагæнджыты ‘хсæн дæр. Уавæр ныртæккæ æвзарынц горæты администрацийы.
Бынæттон цæрджыты ма тыхсын кæны ноджыдæр иу фарста. Хæдзæртты цур ис æрмæст иу хъазæн фæз. Сабитæн дзы се ‘ппæтæн бынат на рафаг вæййы, стæй йæм хауæццæгтæ æмбырдгæнæн хæтæлты дæттæ дæр арæх бакæлынц.
Сæ хæдзæртты алыварс саив кæныны проектимæ цæрджытæ дыууæ азы размæ администрацимæ бацыдысты. Милдзыхты Вячеслав сын зæрдæ бавæрдта, кæй йæм æркæсдзысты æмæ сфидар кæндзысты, уымæй. Загъта, фæзуатмæ кæй базилдзысты, сæвæрдзысты дзы бандæттæ æмæ рухсгæнæнтæ, цы бæлæстæ ракалдтой, уыдоны бæсты та ногтæ ныссадздзысты. Администрацийы сæргълæууæг горæты цæрджытæм фæсидт, цæмæй æхсæнадон æркæстыты фылдæр архайой.
Биджелты Бертæ
















