preloader
сейчас в эфире
06:09
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Елхоты аразынц культурон центр, хæстæгдæр рæстæг байгом уыздæн

3.02.2026 13:25

Дыууæ уæладзыджы иумæйаг фæзуат 1мин 500 квадратон метрмæ хæстæг.

Райдзаст æмæ нырыккон бæстыхай зæгъæн ис æмæ цæттæ у. Дыууæ уæладзыджы иумæйаг фæзуат 1мин 500 квадратон метрмæ хæстæг. Кæд дзы нырма мидæггаг куыстытæ æххæст кæнынц, уæддæр фидæны культурон центр уæрæх æмæ аив рауад. Хæстæгдæр рæстæг ам зæрдиагæй архайдзысты районы аивæдты скъолайы фæсивæд.

Ныртæккæ аивæдты скъола адих дыууæ бæстыхайыл, сæ иу дзы хаццоны райстой. Сывæллæттæ æмæ педагогтæн æнцон нæу, фæлæ йæ фидарæй зонынц — ныр сын уыдзæн æнцонвадат уавæртæ. Уыимæ ма ам æрбынат кæндзæн районы чиныгдон дæр. Радих ын кæндзысты 120 квадратон метры. Музыканттæн та ратдзысты гыццылдæр кълæстæ. Бæстыхайы ма ис цалдæр санузелы æмæ хицæн хъармгæнæн аг. Райдзаст зал 400 бынатимæ апарахат 700 квадратон метрыл. Ахæм уавæртæм бынæттон цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты, аивæдты скъола, æнæмæг хъæугæ уыд Елхоты сфæлдыстадон кæстæртæн. Уыдон та хъæуы бирæ сты. Объекты фæллой кæнынц иу фæлтæрæй, 50-65 адæймаджы. Ныртæккæ дзы райдыдтой мидæггаг куыстытæ. Бауагътой æппæт коммуникацитæ, агъуыстытæ райдыдтой хъарм кæнын. Прораб Цгъойты Сергей куыд радзырдта, афтæмæй æппæт мадзæлттæ дæр афоныл фæуыдзысты. Уалдзæгмæ центрыл цин кæндзысты цæрджытæ.

Се ‘хсæн музыкæ, нывкæнынад æмæ кафджытæ. Сывæллæттæ рæздзысты алы здæхтытæм гæсгæ. Уымæй уæлдай ма ног центры æрбынат кæндзæн районы культурæйы хæдзары административон хай. Агъуыстытæ се ‘ппæты фаг дæр сты, фидарæй зæгъынц аразджытæ. Центр раттынвæнд кæнынц ацы азы мартъийы кæронмæ, базилдзысты ма объекты алыварс территоримæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Бæрнон ныхас I 14.07.2026
14.07.2026
Проект «Здравствуй, Россия», афæдзы гуыл æмæ цигун I Йæ рæстæгыл
14.07.2026
Профессиональный путь I Врач-хирург Казбек Зураев
14.07.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон! I 14.07.2026
14.07.2026
Алыккаты Руслан I Амигдалæ
13.07.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 5: Керамика древних обществ/ «Ossetica»
13.07.2026
Качество современной застройки, мусор на природе и художественный фильм «Корни» Ильи Таучелова I Самое время
13.07.2026
Закрытие фестиваля «Вахтангов. Путь домой» I Доброе утро, Осетия!
13.07.2026
В итоге: 12 июля
12.07.2026
Измаил Бурнацев | На все времена
12.07.2026
Летние болезни | Медикум
12.07.2026
Петр Гериев | Гвардия
11.07.2026
Сæбæтхъуаты Ирбег æмæ Эльзæ | Бинонтæ
11.07.2026
Хетаг Цаболов I По большому счету
10.07.2026
«Тæвдтуг» чындзхæсджытæ æмæ культурæйы кусджыты æнтыст I Йæ рæстæгыл
10.07.2026
Все рекомендуемое