Мæйы кæрон кадджын уавæры байгом уыдзæн Евгений Вахтанговы хæдзар-музей. Бæрæгбонмæ цæттæ кæныны мадзæлтты фæдыл сарæзтой пресс-конференци.
Архайдта дзы Сергей Меняйло. Журналистты фæрстытæн дзуæппытæ лæвæрдтой Паддзахадон академион уырыссаг театры директор Кирилл Крок, уыимæ адæмон æмæ сгуыхт артисттæ. 30-æм апрелы комкоммæ эфиры кадджын мадзал æвдсидзæн нæ канал. Ноггонд музей аивадуарзджытæн йæ дуæрттæ байгом кæндзæн 2-æм майы. Ацы цау ахсджиаг у канд Цæгат Ирыстонæн нæ, фæлæ æгас бæстæйы культурон æхсæнадæн.
















