«Дзæуджыхъæу-Беслæн» маршрутыл зындзинæдтæ фæзынд, паддзахады бӕрны чи нӕй, ахӕм шофыртӕ куыстмæ кæй нæ рацыдысты, уый аххосæй. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды.
Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, æхсæнадон транспорт хъуамæ цæуа æнæ къуылымпытæй. Республикон маршруттæ æмæ паддзахады бӕрны чи нӕй, уыдонæнæн сæ бон у кусын уыцы иу рæстæг. Хицауады уæнгтæ ма дзырдтой хъæугæ хостæй ифтонгадыл, уæлдайдæр хъæуты. 46 хъæуы афтектæ нæй. Фелсырон-акушерон пунктты æмæ амбулаториты цур нымадæй ис 50 афтекы. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта фарста цыбыр рæстæгмæ аиуварс кæнын. Фыццæгæм апрелæй райдыдта сывæллæтты фыццæгæм къласмæ исыны кампани. Ныййарджытæн сæ бон у гæххæттытæ цалдæр ахуыргæнæндонмæ бадæттын. Паддзахадон лæггæдты порталы ныридæгæн ныууагътой 540 курдиаты. Ахæм гæнæнтæй пайдагæнгæйæ, сывæллонæн бынат скæнæн ис рæвдауæндоны дæр.
Регионы разамонæджы уынаффæмæ гæсгæ, Сывæллæтты æмæ фæсивæды ‘хсæн курдиатджын минæвæрттæ æргом кæнын, æмæ сын æххуыс кæныны республикон центр «Вершина»-йы байгом хуыссæнуæтты корпус 140 бынатæн. Æрыгон фæлтæримæ дарддæр хъæуы профориентацион куыст кæнын, фæнысан кодта Сергей Меняйло.
















