Завод «Электроцинк» 100 мин сомы фæивар кодтой. Фæллой хъахъхъæныны домæнтæ æххæстгонд кæй не`рцыдысты, уый тыххæй. Паддзахадон инспекци, куыстуаты рабæрæг кодта кусæнгæрзтæй раст пайда кæй нæ кодтой, ахæм закъонхæлдтытæ.
Цехы уыдысты саст æмæ цалцæггæнинаг электрокартæ. Æмбæлгæ бæрæггæнæнтæ сыл нæ уыд. Куыстуаты хицауад ивар бафыста. Иу мæй æмæ рдæгмæ та хъуамæ уагхæлдтытæ аиуварс кæна. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, «Электроцинчы» архайд 8 мæймæ кæй æрлæууын кодтой, электролизы цехы зынгсирвæсты фæстæ. Арт хуыссын кæнгæйæ ирвæзынгæнджытæй 1 адæймаг фæмард, 2 – хъыгдард баййæфтой. Уый фæдыл, слестгæнæн комитеты байгом кодтой уголовон хъуыддаг.
















