Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы æмæ мидхъуыддæгты министрады кусджытæ иумæ дарддæр аразынц профилактикон рейдтæ. Бæрæг кæнынц Цæгат Ирыстоны эпидемиологон уавæр, стæй цæрджытæ санитарон домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уый. Радон хатт та специалисттæ федтой хойрæгты дуканитæ. Аиппытæ кæм разынд, уыцы бынæтты кусджытимæ ныхас кодтой, сæрмагонд амынддзинæдтæ сын радтой.
Медицинон гамхудтæ, æрмкъухтæ, дезинфекцигæнæн фæрæзтæй куыд ифтонг сты дуканитæ, уый дарддæр бæрæг кæнынц сæрмагонд рейды. Мадзæлттæ дарддæр арæзт цæуынц, цæмæй ног коронавирусы инфекци дарддæр ма парахат кæна. Управленийы кусджытæ ма иу хатт зæрдыл лæууын кæнынц, инфекцийы ныхмæ æппæты хуыздæр хъомыс у домæнтæ кæронмæ æххæст кæнын.
РЦИ-Аланийы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусæг Хынцæгты Виталий: «Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени æмæ мидхъуыддæгты министрады кусджытимæ радон хатт рацыдыстæм рейды. Фыццаджыдæр ацы мадзæлттæ арæзт цæуынц, цæмæй адæм медицинон маскæтæ дарын ма рох кæной. Фылдæр адæм кæм вæййы, уым та æнæмæнгæй хъæуы социалон дистанци æххæст кæнын. Уæдæ къухтæ дæр дезинфекци кæнын хъæуы».
Ацы хатт рейды æрзылдысты Куйбышевы номыл уынджы дуканитыл. Бæрæггæнæн куыст цыди бынæттон дуканиты. Стыр æргом аздæхтой, хойрæгтæ кæм уæй кæнынц, уыцы объекттæм. Дуканиты кусджытæ, куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæнынц æдасдзинады домæнтæ: дарынц хи хъахъхъæнæн фæрæзтæ, маскæтæ æмæ æрмкъухтæ.
Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ахæм рейдтæ араздзысты дарддæр. Сæйрагдæр у, цæмæй цæрджытæ сæрдыгон рæстæг дæр æххæст кæной дохтырты æппæт амынддзинæдтæ. Уыдон хъæуынц, цæмæй вирус йæ тыхы дыккаг хатт ма бацæуа.
















