Цæгат Ирыстоны хæхтæм цæуынвæнд чи кæны, уыдон хъуамæ рагагъоммæ сæ балцвæд срегистраци кæной. Ныртæккæ уыцы фæтк туристты ’хсæн уæлдай парахатдæр кæны. Балцвæд фæнысан кæнæн ис, куыд телефонæй, афтæ электрон постмæ фыстæг арвитгæйæ дæр. Уыимæ ма, Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сайты дæр. Куыд кусы системæ, стæй йæ сæйраг хæс цы у, уый бæлвырддæр радзурдзæн Хуасдзауты Алинæ.
Ахуырты легендæмæ гæсгæ, цæфтимæ бæлццон ис хæхты. Ирвæзынгæнджыты хæс у фыццаг медицинон æххуыс бакæнын. Йæ саст раныл ын шинæ сæвæрын. Уый фæстæ йæ сæрмагонд сынтыл сæвæрын æмæ æдас ранмæ ахæссын. Альпинистон кусæнгæрзты руаджы бæлццоны сисынц бæрзæндмæ. Ирвæзынгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, къорды æмгуыст цас хуыздæр уа, уыййас операци дæр æнтыстджынæй æххæстгонд æрцæудзæн.
Дарддæр та цæфтимæ адæймаджы, цæугæдоны сæрты æргъæвынц. Ирвæзынгæнджытæ аразынц уæлдæфон æргъæвæн. Донмæ бацæуы æрмæст иу адæймаг.
Сæ арæхстдзинадыл ирвæзынгæнджытæ кусынц алы сменæйы дæр, цæмæй бахъуаджы сахат сæ бон бауа æмбæлгæ æххуыс бакæнын. Уæлдай ахсджиагдæр уый у сæрдыгон рæстæг, хæхты бирæ туристтæ куы вæййы, уæд. Цæгат Ирыстоны арæхдæр цæуынц Хъазыбеджы хохмæ æмæ Дыгургоммæ. Цæмæй туристтæ сæ рæстæг æдасæй æрвитой, уый тыххæй сæ бон у маршрут регистраци скæнын. Уый та хъæуы бакæнын рагацау, балцæй къуыри раздæр.
Туристон маршрут регистраци скæнæн ис, электрон адресмæ бæрæггæнæнтæ арвитгæйæ. Уыимæ ма, Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сайты дæр. Регистраци скæныны фадат ис, куыд уæрæсейаг туристтæн, афтæ фæсарæйнæгтæн дæр. Фæнысан кæнын хъæуы балцы рæстæг, маршрут, къорды цал адæймаджы уыдзæн, стæй фæстæмæ кæд хъуамæ сыздæхой, уыдæттæ. Сæрды дыууæ мæйы дæргъы онлайн регистрацийы системæйæ Цæгат Ирыстоны спайда кодтой 30 хаттæй фылдæр. Æмбæлгæ информаци ма базонæн ис 101 æмæ 102 номыртæм бадзургæйæ.
















