Уæздан Нафи æмæ æртуд Таймураз. Ацы ныхæстæ сты литературæмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыцы дыууæ æфсымæры кадæн. Фæлмæнзæрдæ æмæ æгъатыр, æмбаргæ æмæ карз, уарзаг æмæ сæрибар, – ахæмтæ уыдысты Джусойты Нафи æмæ Хаджеты Таймураз. Сæ царды стырдæр нысаныл нымадтой æцæгдзинадыл дзурын æмæ фæлитой митæй хи хъахъхъæнын. Абон Дзæуджыхъæуы центрон чиныгдоны сæ номыл ацыд мысæн изæр. Уазджыты `хсæн фысджыты цæдисы уæнгтæ, хиуæттæ, æмбæлттæ æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ.
Йæ арф зонындзинæдтæ, йæ хæдхуыз сфæлдыстадæй ирон æмæ уæрæсейаг чиныгкæсджыты зæрдæтæм фæндаг ссардта. Хорз æй зонынц фæсарæнты дæр, уыд литературон критикты дунеон ассоциацийы уæнг. Адæмон фыссæг, куырыхон хистæр, Уæлахизы салдат — уæздан Нафи æмæ йæ кæстæр æфсымæр, “ирон Есенин” кæй схуыдтой, æртуд Таймураз. Не сси паддзахадон хæрзиуджыты хицау, æмæ сæм хæлæг дæр никуы бакодта. Йæ уд сыгъдæг кæй уыд, гæдыныхас кæй нæ уарзта, уый тыххæй уыд адæмæн уарзон.
Дыууæ æрдхæрæны æфсымæры Нафи æмæ Таймуразы 100 æмæ 80 азы юбилейтæм литературон музыкалон изæр бацæттæ кодтой горæты центрон чиныгдоны. Хъуысыдысты сæ уацмыстæ, номарæн æмдзæвгæтæ, æмдугонты мысинæгтæ…
Ирон поэзи, прозæ, драматурги, литературæиртасынад, публицистикæмæ стыр æвæрæн бахаста Нафи. Уæдæ йæ наукон куыстытæ дæр 525 сты.
Джусойты Нафи æмæ Джыккайты Шамилы тыххæй сæ хъуыдытæ литературон журнал “Мах дуджы” загътой æгас Цæгат Кавказы минæвæрттæ. Хорз сæ чи зыдта, æрдхорд кæмæн уыдысты, уыдон цымыдисаг афæлгæст сарæзтой сæ цард æмæ се сфæлдыстадыл.
Сыгъдæгзæрдæ, хиуылхæцгæ, кæм хъуыди, уым та æнæсæттон Хаджейы-фырт. Афтæ дзуры Таймуразы тыххæй йæ хæлар фыссæг Касаты Батраз. Йæ уацмыстæй йæхицæн сæвæрдта цырт æмæ мæсыг дæр.
Цардвæндагыл иу иу хатт чи сæмбæлд, уыдон дæр сæхи стыр амондджыныл нымайынц. Сæ мадызæнæг Клавдия уæззау зæрдæйæ мысы йæ номдзыд æфсымæрты. Фæлæ, сæ кой кæнгæйæ, йæ цæстытæ калынц цины тæмæнтæ.
Ирыстоны рисæй рыстысты, йæ циныл цин кодтой. Мадæлон æвзаджы абон æмæ амондджын райсом та уыдысты сæ царды нысан. Стъалытæ — Хадже æмæ Нафи.
Дзæдзойты Фатимæ
















