Мæздæджы райдыдта Дзуарæвæрды цыд Сыгъдæг Мадымайрæмы дзуары нывимæ.
Дзуарæвæрды цыдæн скуывта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Леонид. Архайынц дзы хъазахъхъаг æхсæнады уæнгтæ, Мæздæджы Хæлардзинады хæдзары кусджытæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Дзурæвæрды цыд кæнынц фарнхæссæг арт, дзуары ныв æмæ дзæнгæрæгтимæ. Адæм сæ фæндаг кæнынц Мæздæджы сæйраг уынгтыл.
Ацы бонты Сыгъдæг Мадымайрæмы дзуары ныв сæмбæлдзæн Мæздæджы зылды æппæт аргъуанты. Уыимæ ма йæм бакувыны фадат уыдзæн Архонкæ, Змейкæ æмæ Николаевскæйы станицæты, стæй Дзæуджыхъæуы аргъуанты дæр.
















