preloader
сейчас в эфире
09:45
МУЗЫКÆ 12+
Смотрите Далее
10:00
НОВОСТИ 12+
10:15
СТАТУС ТРЕНЕР. ИРИНА КЕСАЕВА 12+
10:50
АРВАЙДÆН 12+
11:45
ЗАМАНÆЙ 12+
12:05
ПОРОГИ (12-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКÆ 12+
close

Фæсивæды галуаны уыд хæдахуыр театры фестивалы финал

26.03.2025 14:22

Уæлахиздзаутæ æмæ призерты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй. Иннæ аз фестивальмæ ссæудзысты Лабæйы фæсивæд дæр.

Хъæлдзæг, комкоммæдзураг Цола. Цасфæнды рæстæг куы рацæуы, уæддæр та йæ цыргъ ӕмӕ кӕрдаг зондæй аивадуарзджы зæрдæ йæхимæ раздахы. Дзыкъуылайыл сагъæсгæнæг хуымæтæг ирон лæппу ацы хатт — хуымæллæггаг хæдахуыр артист. Йæ хъайтары миддуне йæхи уды скондмæ ‘ввахс у, уый бæрæг у.

“Драмон спектаклы” чысыл формæты номинацийы бронзæ аластой сæхимæ театр “Нæртон”-ы æвзонг артисттæ. Мæнæ ацы “гыццыл мыстытæ” та Цхинвалæй ссыдысты.

Гимназ “Альбион”-ы театралон къорды ахуыргæнинæгтæ фыццаг бынат бацахстой “Ирон аргъæутты” номинацийы. Хуссар Иры минæвæрттæ конкурсы архайынц ныр 4-æм аз. Къозонты Миланæ йæ фидæны дæсныйад нæма зоны, фæлæ, зæгъгæ, сценæ равзæрста, уæд æнтыстджын уыдзæн, — бафиппайдтой жюрийы уæнгтæ.

Сфæлдыстадон æркасты ацы аз хайад райстой мин адæймагæй фылдæр. Се ‘хсæн куыд коллективтæ, афтæ хицæн артисттæ дæр. 200 конкурсон номырæй фылдæр равдыстой. Фæсивæды галуанмæ финалмæ сæ хуыздæрты æрбахуыдтой. Фестиваль ныр фарæстæм хатт сарæзтой æмæ дзы иу хат чи бацархайы, уый та иннæ аз дæр æрбаздæхы.

Уал азмæ “Амыраны рухс”-ы архайджытæй бирæтæ равзæрстой сфæлдыстадон цардвæндаг. Ахуыр кæнынц аивадон здæхтытæм гæсгæ.

Уæлдай æхсызгон ирон зæрдæйæн уый у, æмæ æркасты æппæт дæр у нæхи, нæ мадæлон æвзагыл. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ финалы архайæг 350 лæппу æмæ чызджы нæ фыдæлты ‘взагыл сæрибарæй дзурынц, хъуыды кæнынц, се ‘нкъарæнтæ æргом кæнын зонынц.

Уæлахиздзаутæ æмæ призерты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй. Иннæ аз фестивальмæ ссæудзысты Лабæйы фæсивæд дæр.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Артур Таймазов I По большому счету
24.08.2026
Дебаты. Выборы депутатов Государственной Думы 2026
24.08.2026
24.08.2026 I Доброе утро, Осетия!
24.08.2026
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин… I Гæздæнты Булат
23.08.2026
В итоге: 23.08.2026
23.08.2026
Агурӕг I 22.08.2026
22.08.2026
Аккорды мыслей I Земфира Цахилова
22.08.2026
Зæххыты уавæр, Къостайы хæдзар-музейы цалцæг æмæ спортсмен-экстремал I Йæ рæстæгыл
21.08.2026
Здоровая красота I Доброе утро, Осетия!
21.08.2026
20.08.2026 I Кадры
20.08.2026
20.08.2026 I Тактика
20.08.2026
Студенческие спортивные клубы, цветение амброзии и актуальные новости недели I Самое время
20.08.2026
20.08.2026 I Ирон чат
20.08.2026
Æппæтдунеон нартхоры бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
20.08.2026
Георгий Гогичаев I Истории из жизни
19.08.2026
Все рекомендуемое