Фæскомцæдисон парк хæстæгдæр рæстæг фæнд кæнынц саив кæнын. Пъланмæ гæсгæ, зæронд бæлæсты иу хай хъуамæ акалой. Фæлæ адæмæй бирæтæн уый сæ зæрдæмæ нæ цæуы. Ахуырадон уагдоны разамындимæ æмæ бынæттон цæрджытимæ аныхас кодтой нæ уацхæсджытæ.
Фæскомцæдисон парк. Горæты цæрджыты уарзондæр улæфæн бынæттæй иу. Сарæзтой йæ ивгъуыд æнусы 50-æм азты. Ам, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы æфсæддон-фæскомцæдисонтæн ис цыртдзæвæнтæ æмæ мемориал революционертæн. Йæ фæзуат у 14 гектары, уыдонæй дæсыл – цъæх фæлыст. Бирæ азты дæргъы парк аивгонд нæ уыд. Июлы йæ администрацийы бæрны бакодтой. Хъуамæ йæм базилой. Фæлæ уый тыххæй бæлæсты иу хай ракалын хъæуы. Уый та цæрджыты зæрдæмæ нæ фæцыд.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты проректор Кокайты Алан фембæлд, бæлæстæ акалыны ныхмæ чи у, уыцы цæрджытимæ. Радзырдта сын аивгæнæн куыстыты тыххæй. Ахуыргӕнӕндон фæнд кæны йæ æмбонд паркмæ фæхæстæгдæр кæнын. Уыдзæн дзы дыууæ гыццыл фæзы футболæй хъазынæн дæр.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты разамынды минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, æппæт объекттæ арæзт цæудзысты закъоны бындурыл. Зæронд бæлæстæн та сæ иу хай уæвгæ дæр тæссаг у.
Дзæуджыхъæуы цæрджытæ курынц, цæмæй Фæскомцæдисон паркæн йæ раздæры фæлгонц тынг ма аивой. Скæной къахвæндæгтæ æмæ велосипедыл цæуæн фæндæгтæ, фылдæр бандæттæ æмæ рухсы цæджындзтæ.
















