Абон æгас Ирыстоны дæр райдыдта ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Джеоргуыба. Зындгонд куыд у, афтæмæй йæ фæбæрæг кæнынц къуырийы дæргъы. Стæй канд Ирыстоны цæрджытæ нæ, фæлæ ма æппæт дунейы цæрæг ирон адæм дæр. Хистæртæ кувынц Хуыцау æмæ Лæгты Дзуармæ, фæдзæхсынц сыл адæмы – хистæрæй кæстæрмæ.
Къуырийы дæргъы ирон адæмы иумæйаг куывд хъуысдзæн Хуыцаумæ. Джеоргуыбайы бæрæгбон Ирыстоны цæрджытæн, стæй ирон адæмæн се ‘ппæтæн дæр у уæлдай ахсджиаг. Уастырджи у фæндаггонты, хæстон адæмы, фæсивæды бардуаг æмæ фыдбылыз сафæг. Ацыд табуйаг бонты стыр нысаниуæг хъуамæ зоной хистæрæй-кæстæрæй. Фыдæлтæй куыд баззад, афтæмæй ирон адæм фæдарынц ком, чъизи хъуыдытæ хæстæг нæ уадзынц.
Джеоргуыбайы бæрæгбон фæбæрæг кæнынц ирон адæм дунейы алы рæтты. Дзыллæтæ кувдзысты, курдзысты æнæниздзинад, бæркад æмæ фарн. Бæлццæттæн та рæсугъд фæндæгтæ.
Бæрæгбоны сæйраг хæстæй-иу фыдæлтæй нын цы æгъдау баззад, уый кæстæртæн дæттын. Хистæрты ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ хæрз чысылæй райдайой æмхиц кæнын ирон æгъдæуттæм. Зоной бæрæгбæттæ æмæ сæ раст цавæр æгъдаумæ гæсгæ кæнын хъæуы, уый.
















