Кафаг сабитæй иу — иннæмæй хуыздæр: æлвæст, хæрзконд, сæ къахайст — аив, цæсгæмттыл — мидбылхудт. Кæстæр къордмæ æгас хъæуæй 50 сывæллоны бæрц цæуы. Фæнды сæ кафын, æрмæст кафын æмæ сæ ацы рухс бæллиц размæ бæрзонддæр къæпхæнтæм хæссы.
Ацы фæтæнуæхск лæппутæ æмæ гуырвидауц чызджытæ — хъæубæсты фидæн. Йæ кад æмæ ном хъахъхъæнæг, ирон аивад æмæ культурæ бæрзондгæнæг. Буц æмæ сæрыстыр сты сæ хæдæфсарм кæстæртæй, уæдæ цы! Уæвгæ рагæй æрæгмæ дæр курдиатджын фæсивæдæй хъæздыг у ацы культурæйы артдзæст. Йæ бонæй уа Фарныхъæу — æрмæст Уарзиаты Хадзысмел кæцæй акъахдзæф кодта. Зындгонд балетмейстеры æвæрд кæфтытæ ансамблы репертуары кæддæриддæр ис.
Фæсивæдæн суанг сæ бабатæ ‘мæ нанатæ дæр ацы сценæйыл кафыдысты. Ансамбль “Фарн” адæмоны ном дæсгай азты дæргъы хæссы. Фæлтæр фæлтæры ивы, абон аивадон къордæн разамынд дæтты Цæгат Иры адæмон æмæ Хуссар Иры сгуыхт артист Мамиты Сослан. Паддзахадон ансамбль “Алан”-ы солисты æрбахуыдта районы культурæйы галуаны раздæры разамонæг Музаты Руслан æмæ дзы абон дæр бузныг у. Иу бинонтау æрбангом сты йæ алыварс æрыгон фæсивæд. Ныртæккæ æвæрынц ног кæфтытæ.
Концертмæ цæттæ кæнынц хохаг кафт дæр. Лæппутæ йыл ахæм тынг бацин кодтой, æмæ се ‘нкъарæнтæн риуы бынат дæр нæ фаг кæны. Æмæ тæхынц кафты базыртыл саджы фисынтыл амад лæппутæ.
Кафынц Джимиты фаззæттæ Тимур æмæ Тамерлан, семæ Гæбæраты Владислав. Хуссарирысойнаг лæппуйы Ручъы ‘фцӕджы цæгатварсмæ йæ ахуыры фæндаг æрбакодта, дохтыр суæвыны бæллиц. Фæлæ кафт йæ зæрдæйы æндæр, хъулон бынат ахсы. Уарзон солистты кафты видеотæм кæсгæйæ, ног æмæ ног сæ фæлхасæнгæйæ, сахаттæ арвиты.
Джимиты Агуындæ та-иу хæрзчысылæй дæр æрбацыд ардæм йæ фаззон æфсымæртимæ æмæ иу кафджытæм кастысты. Къорд азы фæстæ ансамблы солисттæ суыдзысты, уый кæцæй зыдтой.
Æрæджы культурæйы хæдзарæй райхъуыст цæвгæ музыкалон инструментты ритмикон мелоди дæр. Хъæуы уынглы куы акæсай, уæд сæ, сæ сæрак тымбыл агъудтæ се ‘ккой, афтæмæй фæцæйцæуынц лæпутæ æмæ чызджытæ. Цыбыр рæстæгмæ ахуыргæнæджы алыварс дæсгай сабитæ амбырд, сæ кар алыхуызон. Æцæг ансамбль сæ рауад, æппæтæй чысылдæр артистæн та йæ доули дæр йæхи æййас.
Лæппуйæ-чызгæй фæндырæй цæгъдын дæр уарзынц. Ныртæккæ Беппиты Давид ахуыр кæны тымбыл цагъд. Зындгонд Мыстулаты Иринæ йе 60 азы юбилеймæ фæндыры бæрæгбон сарæзта. Курдиатджындæрæн лæвар — фæндыр йæхи номæй. Мызурæй — Хъызлармæ йæм чи нæ бабæллыд, ахæм фæндырдзæгъдджытæ нæ разынд. Фæлæ дзы уыцы бон хъазт Фарныхъæуы сарæзтой.
Культурæйы хæдзары къуырийы иннæ бонты фæархайынц вокалон, стæй героикон зарæджы къорд. Цæуынц æм хъæуы хистæр нæлгоймæгтæ. Ныртæккæ культурæйы хæдзарæн разамынд дæтты Гутнаты Маринæ. Йæ куыстмæ æгæрон уарзт æвдисы, æмæ аивадуарзаг фæсвæды зæрдæты дæр уæлтæмæнады зынг уымæн æрттивы.
















