Федерацийы Советы ныр нæ республикæйы парламенты минæвар уыдзæн Виталий Назаренко. Ахæм уынаффæйы фарс абоны сессийы 57 депутатæй рахæцыдысты 53. Виталий Назаренко 2013-æм азæй 2017-æм азмæ уыд республикæйы æхсæнадон палатæйы уæнг. 2021-æм азæй нырмæ та разамынд лæвæрдта парламенты æхсæзæм æмбырды цæрæнуæтты коммуналон æмæ арæзтадон къабазы хайадæн.
Уыимæ ма, Олег Качаровы та равзæрстой аграрон æмæ зæххон политикæ, экологи æмæ æрдзон фарстаты фæдыл комитеты сæрдарæй. Абон ма парламенты ацыд Советы фыццаг æмбырд. Депутаттæ æрдзырдтой æртынмæ ‘ввахс фарстайыл. Се ‘хсæн — цæрджыты алы категориты фарсмæ æрбалæууыны мадзæлттæ. Бæлвырддæр та, сидзæр сывæллæттæ ахуырадон уагдæттæм фыццæгты ‘хсæн кæй хъуамæ бахауой, уыцы республикон закъоны проектыл. Æрдзырдтой æххуысцух бинонтæн уæлæмхасæн льготæтыл. Бахастой газæй æххæст кæнынæн компенсациты бæрц 57 минæй 90 минмæ фæфылдæр кæныны хъуыды.
















