Йе ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæм футболон командæ «Ирыстон» у Уæрæсейы бирæхаттон чемпион. Фæстаг 10 азы клуб къуылымпыдзинæдтæ æййæфта æхцайы фæрæзтæй æххæсткæнынады. Фарон Сергей Меняйло рахæцыд коллективы архайд сног кæныны хъуыдыйы фарс. Афтæ, Сочийы цы туринир ацыд, уым бацахстой дыккæгæм бынат.
Дунейыл сæ ном айхъуысын кæнын. Ахæм нысанимæ ампутанты футболон командæ кæддæриддæр рахизы фæзмæ. Сæхиуыл архайынц цыфӕнды боныхъæды дæр. Æдæппæтæй къорды ис 15 адæймаджы. Æртæйæ та архайынц нæ бæстæйы иугонд командæйы дæр.
10 азæй фылдæр «Ирыстон»-ы футболисты ацы спорты бæрзæндтæм хизыны фæндаг къуылымпы кодта, æхсцайы фæрæзтæй æххæстгонд кæй нæ цыдысты, уый. Сергей Меняйлойы æмæ спорты министрады æххуысæй сæ къухы стыр æнтыстытæ бафтыд. Æрæджы командæ сыздæхт Сочийæ. Уым ацыд «Кубок РФС Стальная воля»-йы кæронбæттæны къæпхæн. Бацахстой дыккæгæм бынат.
Уыцы æнтыстдзинæдтыл «Ирыстон» комнадæ не ‘рлæудзæн. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæм фидæнмæ ис бирæ фæндтæ, ӕмӕ сӕ æнæмæнг сæххæст кæндзысты.
















